Хуссар Иры минæвар хайад райста Венесуэлайы хæдбардзинады бæрæгбоны

© Photo : Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Иры минæвар хайад райста Венесуэлайы хæдбардзинады бæрæгбоны
Хуссар Иры минæвар хайад райста Венесуэлайы хæдбардзинады бæрæгбоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр хайад райста бæрæгбонон мадзæлтты, кæцытæ нывонд уыдысты Венесуэлайы хæдбардзинады 211 афæдзыбоны цытæн.
Минæвар бабæрæг кодта мадзал Венесуэлайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Карлоса Рафаэль Фариа Тортосы фæхуындæй.
Гасситы Знауыр фехъусын кодта Тортосæн арфæйы тел Хуссар Ирыстоны адæмы номæй.

"Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны дыууæварсон форматы æмгуыстады дарддæры райрæзтæн æмæ ныфс æвæрынц, нæ бæстæтæ æмæ адæмты хсæн ахастыты потенциал реализаци кæй æрцæудзæн", - дзырдæуы арфæйы тексты.

Минæвар ма бахахх кодта, Венесуэлайы цæрджытæ дарддæр кæй кусынц тыхджын, динамикон, нырыккон паддзахады арæзтадыл.
Венесуэла, кæцы банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 13 азы размæ, банысан кодта Хæдбардзинады бон 5 июлы. Бæрæгбоны датæ нысангонд æрцыд 1811 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0