Цахæм вæййы Уастырджийы хуызæн лæг?

Цахæм вæййы Уастырджийы хуызæн лæг?
Рафыссын
Дзырдтæ дзыргъа æмæ сыхырна фæцæуынц не ‘взагæй. Фæивгъуыйынц, цы предметтæ амонынц, уыдон сæхæдæг дæр. Дзыргъа цæуы гутоны разæй æмæ лыг кæны мæр, фæлæ афтæ къуымых у, æмæ исты цыргъаг куы нал фæлыг кæны, уæд æй дзыргъайы хуызæн фæхонæм.
Сыхырна та æхсæдыны мигæнæн у æмæ искæцы дзаума йæ фырхæррæгъæй хуынчъытæ куы вæййы, уæд уый сыхырнайы хуызæн у. Æвæрццаг миниуджытæ чи æвдисы, уыдон фылдæр сты. Ардæм хауынц, зæгъæм, Уастырджийы хуызæн, хохы хуызæн, саджы хуызæн, къæдзæхы хуызæн. Лæгæй-иу куы загътой Уастырджийы хуызæн у, зæгъгæ, уæд-иу уымæй лæгдæр æвæццæгæн, нал дæр гæнæн уыдаид: уæд асæй, гъе, кондæй, æгъдауæй, уæд зондæй, гъе, цыфæнды хъуыддагæй.
Уастырджийы хуызæн лæгтæ стæм уыдысты. Гъеныр та, чизоны, бынтондæр нал ис, уымæн æмæ Уастырджи æнæ бæх нæ фидауы, гъеныр та нæм бæхыл ничиуал бады. Æмæ фистæгæй дæр ничиуал цæуы балцы, æндæра фистæг бæлццон дæр иу хатт искуы Уастырджийы хуызæн, чизоны, разынид. Гъеныр уый бæсты фаг у зæгъын хохы хуызæн, къæдзæхы хуызæн, кæнæ та саджы хуызæн.
Æртæ дæр гъæйтт-мардзæ сты æмæ дзы адæм кæцыфæнды саккаг кæнæнт лæгæн – фаг уыдзæн хиуыл фервæссынæн. Уæлдайдæр – æртыккаг: уый ма дыууæ фыццаджы хъауджыдæр нысан кæны сыгъдæг уæздандзинад æмæ сæрыстырдзинад дæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0