Цхинвалы цæрæджы бонæй фехстой горæты уынгтæй иуыл, фыдгæнджыты агуры милици

© Sputnik / Natalia Airiyan Милици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы æбæрæг гоймæгтæ фехстой хæцæнгарзæй столицæйы цæрæджы, уый цæфтимæ бакодтой рынчындонмæ, фыдгæнджытæ та фæтары сты цауы бынатæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, цау æрцыд Плиты Иссæйы уынгыл 13.10 сахатыл.
"Æбæрæг гоймæгтæ хæцæнгарзæй фехстой Цхинвалы 34-аздзыд цæрæджы. Зæрдæхсайгæтæ фæтары сты цауы бынатæй Mercedes-Benz E 320 хæдтулгæйыл. Фæцæфуæвæджы бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ диагонзимæ: "галиу сины цæртхуынкъ", - радзырдтой МХМ.
Мидхъуыддæгты органтæ уадзынц оперативон-сгарæн мадзæлттæ, цæмæй сбæрæг кæной æмæ æрцахсой гоймæгты, кæцытæ сæххæст кодтой фыдракæнд.
Ног хабӕртты лентӕ
0