Æгъдау, фæтк æмæ уаг

Æгъдау, фæтк æмæ уаг
Рафыссын
Цæмæндæриддæр æгъдау ис – æхсæнадон цардæн, би­нонтæн, æрдзы фæзындтæн, алы куыст, алы хъуыддагæн, ныхас æмæ архайдæн. Незаманты æнустæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ цардуаджы иууыл ахсджиагдæр цæджындзтæй сæ иу уыдис æгъдау.
Ис ма фæтк дæр. Ацы дыууæ дзырдæн сæ мидис цыма æмгъуызон у, фæлæ сæ чи зоны, уый сæ дзæбæх иртасы кæрæдзийæ. Уымæн-иу фæкодтой нæ фыдæлтæ: хъæуæн æгъдау ис, хæдзарæн фæтк, кæнæ: бæстæн – æгъдау, хъæуæн – фæтк.
Дзырд æгъдауы мидис уæрæхдæр у. Нæ фыдæлтæм æгъдауджын лæг амыдта æр­мæст хæрзæгъдау нæ, фæлæ дзырддзæугæ æмæ кадджын, зондджын æмæ æфсæрмы аккаг адæймаг. Ахæм мидис нæй фæткæн. Нæ зæгъдзыстæм фæткджын кæнæ хæрзвæтк лæг.
Дзырд фæтк-ы нысан конкретон æмæ къуындæгдæр у, æмæ цыма хицæн адæймæгтæм нæ хауы. Фæтк вæййы архайдæн: чындзæхсæвы фæтк, мард бавæрыны фæтк, æмбырды фæтк… Ам æгъдау дæр фидауы, фæлæ æгъдау фидауы бирæ æндæр рæтты дæр, фæтк та – нæ.
Æгъдау, фæтк, уаг – æртæ абстрактон дзырды, æртæ синонимы. Ивгъуыд заманты кæрæдзийæ тынгдæр хи­цæн кодтаиккой. Фæлæ цард куыд ивы, афтæ адонæн дæр цадæггай сæфынц сæ хицæн мидистæ æмæ хæстæгæй хæстæгдæр кæнынц кæрæдзимæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны
Ног хабӕртты лентӕ
0