https://sputnik-ossetia.com/20220707/khussar-iry-donkhosgnndon-nyfs-raysta-fytstsag-ulfdzhyty-17591478.html
Хуссар Иры донхосгæнæндон "Ныфс" райста фыццаг улæфджыты
Хуссар Иры донхосгæнæндон "Ныфс" райста фыццаг улæфджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъæуы донхосгæнæндон "Ныфс" байкодта йæ дуæрттæ ацы азы фыццаг улæфджытæн... 07.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-07T16:28+0300
2022-07-07T16:28+0300
2022-07-07T16:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
знауыры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/452/12/4521290_0:345:5616:3504_1920x0_80_0_0_7e812d1d92291bf495e791e57792ec85.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъæуы донхосгæнæндон "Ныфс" байкодта йæ дуæрттæ ацы азы фыццаг улæфджытæн. Знауыры районы пресс-секретарь Оттаты Алена куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй фыццаг номхыгъдмæ бацыдысты фараст адæймаджы, кæцыты фæнды фæхуыздæр кæнын се ‘нæниздзинад.Донхосгæнæндоны фæхуыздæр сты цæрыны уавæртæ. Фарон улæфæн бынатмæ бауагътой электроэнерги, ныр та дзы и свай-фай дæр."Ацы азæй фæстæмæ балцæджы аргъ фæфылдæр 11 проценты бæрц, æмæ ныр у 14 мин сомы. Уый баст у хæлцадон продуктты фæзынаргъимæ", - хъусын кæны директоры ныхæстæ пресс-секретарь.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/452/12/4521290_125:0:5117:3744_1920x0_80_0_0_c9fe590df1a33943c80d15636b5b638c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район
Хуссар Иры донхосгæнæндон "Ныфс" райста фыццаг улæфджыты
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъæуы донхосгæнæндон "Ныфс" байкодта йæ дуæрттæ ацы азы фыццаг улæфджытæн. Знауыры районы пресс-секретарь Оттаты Алена куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй фыццаг номхыгъдмæ бацыдысты фараст адæймаджы, кæцыты фæнды фæхуыздæр кæнын се ‘нæниздзинад.
"Фылдæр адæмы фæндыд æрцæуын, фæлæ боныгъæды тыххæй уый бантыст æрмæстдæр фарастæн. Донхосгæнæндоны хистæр дзуры, дыккаг номхыгъды уыдзысты уазджытæ Цæгат Ирыстонæй дæр", - банысан кодта Оттаты Алена.
Донхосгæнæндоны фæхуыздæр сты цæрыны уавæртæ. Фарон улæфæн бынатмæ бауагътой электроэнерги, ныр та дзы и свай-фай дæр.
"Ацы азæй фæстæмæ балцæджы аргъ фæфылдæр 11 проценты бæрц, æмæ ныр у 14 мин сомы. Уый баст у хæлцадон продуктты фæзынаргъимæ", - хъусын кæны директоры ныхæстæ пресс-секретарь.