Хуссар Иры президент снысан кодта Цоциты Аннайы администрацийы разамонæджы хæдивæгæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦоциты Анна
Цоциты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Цоциты Аннайы паддзахады сæргълæууæджы администрацийы разамонæджы хæдивæгæй. Барамынд мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл, уый йæ тыхы бацыд 7 июлæй.
Цоциты Анна у Хуссар Ирыстоны зындгонд æхсæнадон-политикон архайæг Цоциты Аланы чызг. Фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультет. Куыста хуссарирыстойнаг Дзыллон информацион фæрæзты, мыхуыргонд цæуы алыхуызон фæсарæйнаг рауагъдадты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0