Иу артæй байуаргæ

Иу артæй байуаргæ
Рафыссын
Ацы ныхас раздæр арæхдæр дзырдтой. Гъеныр ма йæ фехъусæм хистæр фæлтæрæй – иу артæй байуаргæ, нысан кæны æрвадæлтæ сты, зæгъгæ. Хæстæгдзинадæн, уæлдайдæр та мыггагон хæстæгдзинадæн, раджы заманы стыр нысаниуæг уыдис. Тугисын, чызгскъæфын æмæ бирæ æндæр тыхмиты дуджы адæймагæн æнæ хæстæджытæ, æнæ мыггаг нæ уыд йæ бон бинонты æдасдзинад бахъахъхъæнын.
Закъон, мыййаг, куы нæ ралæууыдаид иунæг адæймаджы æвварс рагон Ирыстоны. Гъеныр афтæ тынг никæйуал хъæуы мыггаджы сæр, фæлæ раздæр алчи йæхи ныхæста йæ мыггагыл, уымæн æмæ йæ мыггагæй чи фæиппæрд уыдаид, уый-иу æнцонæй бабын ис.
Зынгæн уырнынадимæ цы бастдзинад уыдис, уый зыны мæнæ ацы дыууæ фразеологизмæй дæр: "мæ арт бауазал" æмæ "мæ артыл мын дон ауагъта". Артыл дон бакалын æмæ йæ афтæмæй ахуыссын кæнын нæ фæччыд. Ныр уыцы æгъдæуттæ нал сты, фæлæ гъеныр дæр бирæтæ базивæг кæнынц артдзæсты цæхæртыл дон æркалынмæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0