Хуссар Иры фӕбӕрӕг ис МСНК-йы хуыздӕр командӕ футболӕй

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры фӕбӕрӕг ис МСНК-йы хуыздӕр командӕ футболӕй
Хуссар Иры фӕбӕрӕг ис МСНК-йы хуыздӕр командӕ футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн ис ӕрвылазон турнир мини-футболӕй Мидхъуыды министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн. Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, фыццаг бынат бацахстой къорды дыккаг дӕлхайад, хъусын кӕны МХМ-йы пресс-службӕ.
Ерыстӕ цыдысты республикон стадионы, ӕдӕппӕт тох кодтой цыппар командӕйы, тыхджындӕрыл нымад ӕрцыд фылдӕр баллтӕ цы команда райста, уый.
"Иууылдӕр командӕтӕ сӕ тых радтой уӕлахиздзау суӕвынмӕ. Дыккаг оперативон ротӕ байста уӕлахиз ӕртыккагӕй, рамыбылтой 6:7 хыгъдӕй", - загътой уагдоны.
Уым ма бафтыдтой, ӕртыккаг призон бынат та бафтыд фыццаг ротӕйы къухы.
Ног хабӕртты лентӕ
0