Хуссар Иры Убиаты хъæуы ахуыссын кодтой зынгирвæзт

© Sputnik / Наталья АйриянАрт
Арт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ ахуыссын кодтой республикйы Знауры районы Убиаты хъæуы хордон, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Зынгирвæзты тыххæй УУМ тыхты разамынады центрмæ фехъусын кодтой майрæмбоны райсом. Цауы бынатмæ ацыд иу зынгфæдисон къорд, цыппæрæм хайадæй, уыдон тагъд ахуссын кодтой арт.
Ног хабӕртты лентӕ
0