https://sputnik-ossetia.com/20220711/dzauy-rayony-sravdz-kodtoy-fandagon-bastdzinad-kozy-tsadma-17671201.html
Дзауы районы срӕвдз кодтой фӕндагон бастдзинад Къозы цадмӕ
Дзауы районы срӕвдз кодтой фӕндагон бастдзинад Къозы цадмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры Дзауы районы асыгъдӕг кодтой фӕндаг бӕрзонд хӕххон цад Къозмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуаисайы мэр... 11.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-11T17:08+0300
2022-07-11T17:08+0300
2022-07-11T17:08+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
дзауы район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/913/40/9134033_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_b8ad44cd85741965060a0600bafb2017.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры Дзауы районы асыгъдӕг кодтой фӕндаг бӕрзонд хӕххон цад Къозмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуаисайы мэр Хуыгаты Алан.Къуырийы бӕрц цад ӕмӕ хъӕумӕ нӕ уыд фӕндаг цъыфы зӕйы рацыды аххосӕй. Абонӕй фӕстӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн уыдзӕн фадат цады был сӕ рӕстӕг ӕрвитынӕн."Мах асыгъдӕг кодтам фӕндаг цады онг, ӕввахс рӕстӕджы ма йӕ ссыгъдӕг кӕндзыстӕм хъӕумӕ дӕр", - загъта Хуыгаты Алан.Бӕрзонд хӕххон хъӕу Къоз фыццаг хатт нӕ баззад ӕнӕ фӕндагон бастдзинадӕй. Хуссар Ирыстоны июны цы тӕрккъӕвдатӕ фӕуарыдысты, уыдон ӕрхастой зиан республикӕйы районтӕн, аластой Къозмӕ фӕндаг дӕр. Къуаисайы цыдӕриддӕр сӕрмагонд техникӕ уыд, уыдон иууылдӕр куыстой фӕндагон бастдзинад сӕндидзын кӕныныл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/913/40/9134033_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_056b3fbb48dd89a7bb7571d58d828735.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, дзауы район
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, дзауы район
Дзауы районы срӕвдз кодтой фӕндагон бастдзинад Къозы цадмӕ
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры Дзауы районы асыгъдӕг кодтой фӕндаг бӕрзонд хӕххон цад Къозмӕ, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуаисайы мэр Хуыгаты Алан.
Къуырийы бӕрц цад ӕмӕ хъӕумӕ нӕ уыд фӕндаг цъыфы зӕйы рацыды аххосӕй. Абонӕй фӕстӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн уыдзӕн фадат цады был сӕ рӕстӕг ӕрвитынӕн.
"Мах асыгъдӕг кодтам фӕндаг цады онг, ӕввахс рӕстӕджы ма йӕ ссыгъдӕг кӕндзыстӕм хъӕумӕ дӕр", - загъта Хуыгаты Алан.
Бӕрзонд хӕххон хъӕу Къоз фыццаг хатт нӕ баззад ӕнӕ фӕндагон бастдзинадӕй. Хуссар Ирыстоны июны цы тӕрккъӕвдатӕ фӕуарыдысты, уыдон ӕрхастой зиан республикӕйы районтӕн, аластой Къозмӕ фӕндаг дӕр. Къуаисайы цыдӕриддӕр сӕрмагонд техникӕ уыд, уыдон иууылдӕр куыстой фӕндагон бастдзинад сӕндидзын кӕныныл.