Цхинвайлаг Гӕджиты Гурам архайы Уӕрӕсейы ӕрыгон боксерты ӕмбырдгонды рӕвдзыты Анапайы

© Из архива тренера А. ДзигоеваГӕджиты Гурам
Гӕджиты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер Гӕджиты Гурам цӕуы ахуыртӕ Уӕрӕсейы ӕрыгон ӕмбырдгонды сконды Кисловодскы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Лӕппуйӕн цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ нысан сты 5-28 июльмӕ.

"Гурам ныр каст фӕцис скъола, у ХИПУ-йы студент. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды цӕттӕ кӕны йӕхи", - загъта уый.

Тренер ма бафтыдта, Кисловодскы ахуырты фӕстӕ та спортсмен августы кӕй рацӕудзӕн рӕвдзытӕ Анапайы.
"Ахуырты фӕстӕ Анапӕйы Уӕрӕсейы тыхджындӕр боксертимӕ иумӕ рахиздзӕн ӕхсӕнадӕмон турниры рингмӕ", - радзырдта Дзигойты Ацӕмӕз.
Бокс, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2022
Хуссар Иры боксертӕ стох кӕндзысты Хъӕрӕсейы турниры
Гӕджиты Гурам у фӕсивӕды хсӕн иуыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер. Фӕстаг азты ӕрмӕст уымӕн бантыст Уӕрӕсейы фыццагад рамбулын. Куыд 2021 азы йӕ кары ӕмӕ уӕзы категорийы лидер, афтӕ уый стох кодта Европӕйаг ерысты ӕмӕ рамбылдта бронзӕйон майдан.
Ног хабӕртты лентӕ
0