Хуссар Иры экономрайрӕзты министрад ратдзӕн кредиттӕ 28 бизнес-проекты реализацийӕн

© Photo : pixabayКупюрӕ
Купюрӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны кӕронмӕ бахӕццӕ уӕлбарон кредиттӕ раттыны фӕдыл бизнес-проекттӕ равзарыны фыццаг этап, фехъусын кодта Sputnik экономикон райрӕзты министрады минӕвар Бибылты Нонна.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, уӕлбарон кредиткӕнынады фонды иумӕйаг бюджет 2022 азӕн у 55 милуан 946 мин сомы.
"Фонды совет хорзыл банымадта 28 проекты хъӕууон хӕдзарады къабазы финанскӕнынады фыццаг этапы фӕлгӕтты. Уыдон сты 31 милуан сомы аргъ. Дыккаг этапӕн радихгонд ӕрцыд 25 милуаны 840 мин сомы. Куырдиӕттӕ дӕттынц Хуссар Иры экономикон райрӕзты министрадмӕ, цы ран цӕудзӕн проектты фыццагон равзӕрст къорд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документты бындурыл", - бамбарын кодта Бибылты Нонна.
Иу амалиуӕггӕнӕгӕн кредиты суммӕ, бафтыдта уый, хъуамӕ ма ахиза 35 милуан сомӕй.
Хицауады хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.01.2022
Хуссар Иры хицауад расидт конкурс бизнесы тыххӕй уӕлбарон кредит райсынӕн
Кредит лӕвӕрд цӕуы хӕдзары цъындыйӕ, банкон гарантитӕ ӕмӕ гоймаджы фӕдзӕхстӕй.
"Кредит лӕвӕрд цӕуы фондз азмӕ афӕдзы ӕфтиаджы фондз проценты исгӕйӕ", - загъта министрады минӕвар.
Уый ма радзырдта, къорд бизнес-проекты нымад кӕй цӕуынц приоритетоныл. Дзырд цӕуы ахӕм къабӕзтыл, куыд хъӕууон хӕдзарад, туризм, программонт продуктты арӕзт.
"Афтӕ ма уӕлыдзинад вӕййы архайгӕ амалиууӕггӕнджытӕ ӕмӕ уагдӕттӕн - сӕ рауагъдад рауӕрӕх кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн", - банысан кодта Бибылтты Нонна.
Бизнес-проекттӕн финанскӕнынад вӕййы дыууӕ этапӕй - афӕдзы райдианы ӕмӕ йӕ ӕмбисы.
Ног хабӕртты лентӕ
0