Советон дуджы дӕнцӕг нӕ, фӕлӕ креативон экономикӕ - эксперт Хуссар Иры райрӕзты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экономикон размӕцыдӕн перспективон фадгуытӕ сты хъӕууон хӕдзарад, туризм, арӕзтад ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджыты рауагъдад, нымайы зонадон кусӕг, экономист, ХИПУ-йы ахуыргӕнӕнг Къӕбысты Мария.
"Хуссар Ирыстоны экономикон размӕцыдӕн перспективон фадгуытӕ сты хъӕууон хӕдзарад, туризм, арӕзтад ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджыты рауагъдад. Уыдон кӕрӕдзийыл баст сты - кӕд нӕм арӕзтад нӕ цӕуа, уӕд ӕрмӕджы рауагъдад дӕр никӕй хъӕуы", - загъта уый.
Экономист рахицӕн кодта хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ уыимӕ баст бӕстӕйы хӕлцадон ӕдасдзинад.
"Махӕн нӕхи хъӕууон хӕдзарад куыннӕ уа, уӕд никуы бафтдзӕн нӕ къухы хӕлцадон ӕдасдзинад. Стӕй ма хъӕууон хӕдзарады продукци у хойраджы индустрийы бындур", - бафтыдта уый.
© Sputnik / Сайт ЮОГУКъӕбысты Мария
Кабисова Мария  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2022
Къӕбысты Мария
Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы ныхмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕ санкцитӕ куы бакодтой, уӕд уымӕн уыд ӕппӕрццаг ӕндӕвдад. Фӕлӕ уыимӕ иумӕ ацы рӕстӕг ссис фадӕттӕ ӕвзарӕн ӕмӕ амалиуӕгдары фӕндагкӕнӕг. Уымӕй йӕ бон у спайда кӕнын Хуссар Ирыстонӕн дӕр.
"Санкциты агъоммӕ Уӕрӕсемӕ электрон индустри 80-90 проценты онг цыд фӕсарӕнтӕй, рог сӕудӕджерады индустри - 70-80, хостӕ - 70 процент. Хуыздӕр уыд хӕринаджы хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ фӕстаг ӕзты йӕ размӕцыдмӕ Уӕрӕсейы дардтой стыр хъусдард. Мах та фыццаг хъӕуы нӕхи базар баххӕст кӕнын ӕмӕ стӕй та нӕ ных саразым экспортмӕ", - бахахх кодта Къӕбысты Мария.
Уый, экспортыл дзургӕйӕ, фыццаг рады банысан кодта доны рауагъдадмӕ хъусдард аздахыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.
"Ӕз университеты дӕр рагӕй дзурын доны проблемӕйыл. Уый азӕй-азмӕ кӕны ӕвзӕрдӕр. Махӕн нӕ бон у экспорт кӕнын дон. Ис нӕм рауагъдадтӕ дӕр. Тынг хорз маркетингон куыст бакодтой Едысы донуадзджытӕ, европӕйаг ӕмвӕзадыл ӕй уадзынц. Уыимӕ иумӕ ма мӕ зӕгъын фӕнды, Бӕгъиаты доны бӕрцуатӕн йӕ сӕр бакӕнӕн нӕ вӕййы, уый та базарадон уавӕрты у мӕгуырау хъуыддаг. Ахӕм авг дыккаг хатт ӕлхӕнӕг нӕ райсдзӕн", - банысан кодта Къӕбысты Мария.
Интервью Джыккайты Вахтангимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2022
Куыд сӕндидзын кӕнӕм нӕ экономикӕ ӕмӕ цы бакӕнӕм бӕрзонд ӕргътӕн ?
"Ӕз нӕ уарзын фӕстӕмӕ кӕсын, раст нӕу советон дуджы дӕнцӕгмӕ тырнын. Мах хъӕуы ӕргом аздӕхын ног техноголитӕм, хъуамӕ кӕсӕм размӕ. Хъусдард аздахын хъӕуы креативон экономикӕмӕ, уый мидӕг сты IT-технологитӕ, киноиндустри. Уый дӕр хца бирӕ хъӕуы", - бафиппайдта экономист.
Криптозӕрины темайыл дзургӕйӕ зонадон кусӕг банысан кодта, уыдон дӕр кӕй сты бирӕ хуызты.
"Сӕ иу у биткоин. Блокчейн та у технологи, кӕцы фадат дӕтты, цӕмӕй криптозӕрин кӕмдӕр уӕвынад кӕна. Уыдонӕй 21 милуанӕй фылдӕр рауадзын нӕй гӕнӕн, уый ӕркӕндзӕн инфляцимӕ", - дзуры Къӕбысты Мария.
Туризмы райрӕзтыл дзургӕйӕ уый бафиппайдта, ацы индустри бынаты амад кӕй нӕу, хъӕуы хорз инфраструктурӕ.
"Транскамы иу къахӕвӕрӕн дӕр нӕй. Стӕй ма ацы трассӕйыл хъуамӕ уаид баннертӕ, Ирыстоны цӕгат ӕмӕ хуссар буц цы гоймӕгтӕй сты, уыдон хуызисттимӕ. Бӕлццон цалынмӕ Цхинвалмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕм уыдзӕн бирӕ зонӕнтӕ Иры тыххӕй", - загъта экономист.
Ахуыргонд ма раразмӕ кодта хъуыды, цӕмӕй Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕугӕйӕ фыццаг цӕрӕн пункты арӕзт ӕрцӕуа иу мыггаджы мӕсыг.
"Рукъӕй рацӕугӕ сты Плиты мыггаг. Уыдонмӕ ӕрмӕст фысджытӕ ис дӕс, Плиты Иссӕ дӕр сын кады фаг у, ис композитортӕ, нывгӕнджытӕ. Ныры дуджы арӕх фӕпайда кӕнынц краутфандингӕй, афтӕ самадта Бететы Юрий йӕ фонтан. Плиты егъау мыггагӕн та иу мӕсыг самайын зын нӕ уаид, кӕцы уыдзӕн уазӕгдон, фотогалерей. Уыцы мӕсыг, науӕд Хӕдзар-музейы хъуамӕ уа бынӕттон сувенирон продукци", - загъта йӕ хъуыдытӕ Къӕбысты Мария.
Хъӕууон хӕдзарады райрӕзтыл хъӕуы уынаффӕ кӕнын специалисттимӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Хъӕууон хӕдзарады райрӕзтыл хъӕуы уынаффӕ кӕнын специалисттимӕ
Уый ма фыццаг къахдзӕфты рӕнхъытӕм бахаста къӕдзӕхдурӕй бырондӕттӕ саразын дӕр.
"Уыдонӕн ӕфсӕнӕй конд мигӕнӕнау давынӕй тас нӕу. Къӕдзӕхдурӕй бырондӕттӕ та колледжы студенттӕ дӕр сараздзысты практикӕйы рӕстӕг. Хъӕуы дзы змис, цемент ӕмӕ автобус. Дур та ис бынаты", - балхынцъ кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0