"Аполлон"-ы разамонæг радзырдта клубы 50 азы юбилейы цытæн балцытæ æмæ мадзæлттыл

© Sputnik / Диана Валиева"Аполлон"
Аполлон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik. Ацы сæрд уыдзæн уадисссаг студентон клуб "Аполлон"-æн, фехъусын кодта Sputnik клубы разамонæг Къацты Олеся. Уый банысан кодта, ацы аз клуб кæй нысан кæны æрдæг æнусы юбилей, æмæ балцытæ хицæн кæндзысты фаронæй.

"Фарон "Аполлон"-ы бындурæвæрæг Саулохты Тамара кæй фæзиан, уый хынцгæйæ мах фидæн балцытæ нывонд кæнæм ацы дыууæ цауæн. Мах нывæндæм хæрдмæсцыд клубæн нысаниуæгджын бæрзæндтæм. Саулохты Тамарайы мысæнæн, клуб æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юбилейы цытæн. Уырны мæ, алцыдæр хорз кæй ацæудзæн", - бахахх кодта Къацты Олеся.

Юбилейæн нывонд мадзæлтты хсæн уый рахицæн кодта дыууæ сæйраг – бæрæгбонон концерт æмæ клубы хайадисджыты традицион æмбырд Дзауы районы. Къацты Олесяйы ныфс ис, "Аполлон"-ы хистæр фæлтæр дæр кæй æрбаиу уыдзысты мадзæлттæм.
© Sputnik / Natalia AiriyanКъацты Олеся
Олеся Каджаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Къацты Олеся
"Кæд хорз уавæр уа, уæд ауадздзыстæм концерт. Æмбырд та у – æртæбонон лагерь Шихантуры. Ацы æмбырд хъæппæрис уыд Саулохты Тамарамæ. Уый у æртæбонон лагерь, кæцыйы рæстæджы клубы алыхуызон фæлтæртæ зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ", - радзырдта Къацты Олеся.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрдыгон периоды фыццаг балц ныридæгæн ацыд. Туристтæ ацыдысты Тлигоммæ, схызтысты Бадзыгаты хъæумæ, уырдыгæй та къорд рацыд Джермухы хохмæ. Балцы хайад истой 20 адæймаджы, сæ нымæцы фыццагкурсонтæ.
Студентон клуб "Аполлон" сарӕзта 1972 азы 1 марты историкон зонӕдты кандидат Саулохты Тамара. Ӕрвылаз дӕр клубмӕ ӕрбацӕуынц ног хайадисджытӕ, кӕцытӕ нӕ уадзынц фехалын бирӕазон традици.
Ног хабӕртты лентӕ
0