ДАР сæргълæууæг фехъусын кодта, республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта Цæгат Корей

© Sputnik / Александр Гальперин /  Ахизын медиабанкмæДенис Пушилин
Денис Пушилин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР) сæргълæууæг Денис Пушилин фехъусын кодта, республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта Цæгат Корей.
"Корейаг Адæмон-Демократион Республикæ абон банымадта Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад. Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæнадæмон статус æмæ паддзахаддзинад фидар кæнынц. Уый у ноджы иу уæлахиз нæ дипломатийæн", - фехъусын кодта Пушилин Telegram-каналы.
Денис Пушилин бафтыдта, зæгъгæ, ацы скъуыддзаг уыдзæн бындур ахастыты дарддæры райрæзтæн дæр экономикæйы фадыджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0