Хуссар Иры фæцæфуæвджыты фонд ратдзæн ЛАР гуманитарон æххуыс æмæ зынгхуыст хъайтарты цырт

© Sputnik / Максим Захаров /  Ахизын медиабанкмæЛуганскы Адæмон Республикæ
Луганскы Адæмон Республикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Фæцæфуæвджыты Фонды разамонæг æмæ хайадисджытæ ацыдысты гуманитарон æххуысимæ Луганскы Адæмон Республикæмæ. Фонды разамонæг Плиты Мæдинæ куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй делегаци ратдзæн республикæйæн æрмæст гуманитарон æххуыс нæ, фæлæ ма ЛАР зынгхуыст хъайтарты цырт дæр.
"Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан зæрдиагæй райста хъусинаг нæ балцы фæдыл Донбассмæ, æмæ нын баххуыс кодта æрæмбырд кæнын гуманитарон æххуыс", - загъта Плиты Мæдинæ.
Уый размæ, 2020 азы, Хуссар Ирыстон радта Донбассæн Донецкы Адæмон Республикæйы зынгхуыст хъайтартæн цырт. Ныр уый хуызæн мемориал фæзындзæн Луганскы дæр.
Цхинвалы 2005 азы арӕзт ӕрцыд "1989-2008 азты РХИ-ы территорийыл æфсæддон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи ссисты, уыцы фæцæфуæвæг адæмы фонд". Уӕдӕй фӕстӕмӕ фонд баххуыс кодта дӕсгай адӕймӕгтӕн се ‘нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнын, реабилитаци рацӕуын, протезтӕ самал кӕнын. Хуссарирыстойнаг инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвӕг хӕстонты фонды ис 200 адӕймаджы онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0