Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фӕцӕрыны минимумы ног бӕрц

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæКупюрӕтӕ
Купюрӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июля - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой ног фӕцӕрыны минимум 2022 азы дыккаг кварталӕн, йӕ бӕрц ныр у 14 985 сомы (14 497 сомы фыццаг кварталы).
Ног сӕрдар Джуссойты Константины къухдариуӕгадӕй хицауады фыццаг ӕмбырд ацыд Цхинвалы ӕртыццӕджы.
"Фӕцӕрыны минимумы ног бӕрц 2022 азы дыккаг кварталӕн схызт 14 985 соммӕ, куыстхъом адӕмӕн та 16 035 сомы, пенсиисджытӕн - 12 220 сомы, сабитӕн та 15 794 сомы", - загъта экономикӕйы министр Тадтаты Дзамболат.
Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, фыццаг кварталы бӕрӕггӕнӕнтӕӕ абаргӕйӕ, фӕцӕрыны бинимумы бӕрц фӕфылдӕр ис 488 сомы: куыстхъом адӕмӕн 486 сомы, пенсиисджытӕн - 412 сомы, сабитӕн та - 596 сомы.
Министр ма банысан кодта, фӕцӕрыны минимумы бӕрцы фӕфылдӕр баст кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕлцады номхыгъдимӕ, кӕцы мониторинг цӕуы ӕрвылкъуыри дӕр ӕмӕ йын алы кварталы дӕр сарӕзтӕуы ног бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0