Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ирмӕ 1992 азы фидауынгӕнджыты ӕрбаконды нысаниуӕгыл

© Пресс-служба ЮОГУЦхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ирмӕ 1992 азы фидауынгӕнджыты ӕрбаконды нысаниуӕгыл
Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ирмӕ 1992 азы фидауынгӕнджыты ӕрбаконды нысаниуӕгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Фидауынгӕнӕг тыхты ӕрбаконд Хуссар Ирыстонмӕ 1992 азы нысан кодта хӕстон архӕйдтыты ӕрлӕуд, лигъдӕтты ӕрбаздӕхт, бӕстӕйы ӕндидзынад, дзырдӕуы республикӕйы президент Гаглойты Аланы фыстӕджы, кӕцы бакаст бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы администрацийы къухдариуӕггӕнӕджы хӕдивӕг Джуссойты Алан тымбыл фынджы рӕстӕджы, Кӕцы ацыд паддзахадон университеты ӕртыццӕджы.
Мадзал нывонд уыд Хуссар Ирыстонмӕ Фидауынгӕнӕг тыхты ӕрбаконды 30-ӕм афӕдзыбонӕн.
"Хуссар Ир кад кӕны ӕппӕт уыцы адӕмӕн, кӕцытӕ ӕрурӕдтой знаджы агресси ӕмӕ хъахъхъӕдтой цӕрджыты сабырад 1992 азӕй 2008 азы онг. 1992 азы 14 июль цӕрмнбонтӕм баззайдзӕн Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъуыдыйы. Уыцы дуджы нӕ адӕм рацыдысты тынг стыр фыдӕбӕтты сӕрты. Фӕлӕ Уӕрӕсе ӕрцыд ӕмӕ фервӕзын кодта Хуссар Иры адӕмы", - бакаст президенты ныхӕстӕ Джуссойты Алан.
Мадзалы хайадисджыты раз раныхас кодта Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов дӕр, кӕцы августы хӕсты рӕстӕджы командӕ кодта фидауынгӕнӕг тыхтӕн ӕмӕ фӕцӕф ис.
"Уӕрӕсейы бахъуыд йӕхимӕ райсын фидауынгӕнӕджы роль. Мах уыцы хӕс сӕххӕст кодтам. Сабырад хъахъхъӕнын 16 азы дӕргъы - уый у серьезон ӕмгъуыд. Уӕрӕсе кӕддӕриддӕр у рӕстдзинады фарс, ӕдыхдӕр ӕмӕ ӕфхӕрддӕр адӕмы фарс", - бахахх кодта минӕвар.
Кулахметов ма ноджыдӕр банысан кодта уыцы фидауынгӕнӕн операцийы уникалондзинад, уымӕн ӕмӕ контингент ӕвзӕрст ӕрцыд ныхмӕлӕууӕг бӕстӕтӕй. Уыймӕн та уыд ӕвӕрццаг роль, нымайы уый.
© Пресс-служба ЮОГУЦхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ирмӕ 1992 азы фидауынгӕнджыты ӕрбаконды нысаниуӕгыл
Круглый стол в ЮОГУ, посвященный 30-летию ввода в Южную Осетию Смешанных сил по поддержанию мира - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Ирмӕ 1992 азы фидауынгӕнджыты ӕрбаконды нысаниуӕгыл
Тымбыл фынджы рӕстӕджы ма йӕ хайадисджытӕ бакастысты алыгъуызон докладтӕ дӕр, кӕцыты дзырд цыд Хуссар Иры Фидауынгӕнӕг тыхты уӕвынады историйыл, сӕ нысаниуӕг ӕмӕ ӕндӕвдады тыхӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0