Цхинвалы бакодтой равдыст, кӕцы нывонд у фидауынгӕнджыты 'рцыды 30 азӕн

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы бакодтой равдыст, кӕцы нывонд у фидауынгӕнджыты 'рцыды 30 азӕн
Цхинвалы бакодтой равдыст, кӕцы нывонд у фидауынгӕнджыты 'рцыды 30 азӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы фойейы байгом ис Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны рауагъдонты дипломон куыстыты равдыст. Экспозици нывонд у Хуссар Ирыстонмӕ фидауынгӕнӕг тыхты баконды бонӕн.
Ӕмхӕццӕ фидауынгӕнӕг тыхтӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 14 июлы 30 азы размӕ.
"Фидауынгӕнӕг тыхты 'рцыды агъоммӕ мах ӕрвылбон дӕр нӕ зиӕнттӕ фӕндараст кодтам театралон фӕзуатӕй.14 июль 1992 аз ссис Хуссар Ирыстоны ӕцӕг бӕрӕгбон. Мах бузныг стӕм уӕды Цӕгат Ирыстоны разамынд, Уӕрӕсейӕн ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ лӕппутӕн, кӕцытӕ ӕрхастой сабырдзинад нӕ зӕххмӕ", - банысан кодта йӕ раныхасы культурӕйы министры хӕдивӕг Къацты Филипп.
Мадзал бабӕрӕг кодтой президенты администрацийы уӕнгтӕ, культурӕйы министрады кусджытӕ ӕмӕ нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны минӕвӕрттӕ.
"Мах рахастам нӕ рауагъдонты дипломон куыстытӕ суанг 90-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ, се хсӕн дыууӕ сты ацы азы рауагьдонтӕ. Иууылдӕр сты аккаг куыстытӕ, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ сӕ фидӕн сбастой нывкӕнынады аивадмӕ", - загъта Нывгӕнӕн ахуыргонды директор Зассеты Сӕрмӕт.
Равдыстмӕ рахастой ӕдӕппӕт 30 куысты бӕрц. Сӕ тематикӕ у уӕрӕх - ам фенӕн ис ирон ӕгъдӕутты хицӕн фӕзындтӕ, Нарты хъайтартӕ, Хуссар Ирыстоны фендтаг бынӕттӕ, хъӕууон цады нывтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0