Цхинвалы тæрхондон бахæсджын кодта хибарæй бацахстгонд фатертæ ссæрибар кæнын

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæФатер
Фатер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гуыбаты ӕфсымӕрты æмæ Хъайтарты уынгыл ногарӕзт хӕдзӕртты фатертӕм сӕхи хъӕппӕрисӕй чи бабырстой, уыцы бинонты Цхинвалы тæрхондон бахæcджын кодтой ссæрибар кæнын цæрæнуæттæ, фехъусын кодтой Sputnik Тæрхондоны пресс-службæйы.

"Мидхъуыддæгты министрады горæты управленийы хъаст "самоуправство"-мæ гæсгæ Цхинвалы тæрхондон аскъуыдзаг кодта, цæмæй фатертæ ссæрибар кæной. Кæцыдæртæ ивар æрцыдысты 500 сомӕй", - загътой уагдоны.

Уым ма бафтыдтой, тæрхондоны номыл хъаст кӕй æрбацыд горæты администрацийы цæрæнуатон-эксплуатацион къамисæй дæр, фæлæ уыдон нырма ногарæзт хæдзæртты бардарджытæ не сты.
ЦАРЗ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2022
Социалон цӕрӕнуат, куыд ӕхсӕнад змӕнтӕг: цӕмӕн бырсынц ӕнӕзаконӕй фатертӕм

"Хæдзæрттæ нырма лæвæрд не 'рцыдысты горæты администрацийы балансмæ, уымæ гæсгæ сæ куырдиатæн разыдзинад нæ радтой. Арæзтады министрад нырма у хæдзæртты хицау æмæ уыдон дыууæ хъаст дæр ахуыр кӕнынц", - бафтыдтой уым.

Ацы проблемӕйыл Sputnik фыста дыууæ мæйы размæ дӕр.
Цхинвалы ЦАРЗ-ы микрорайоны Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгтыл амад ӕрцыд ӕртӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары. Фатерты фылдӕр хай уӕрст ӕрцыдысты, фӕлӕ ма дзы ис сӕрибар хӕдзӕрттӕ дӕр.
Ныридӕгӕн ног арӕзтадтӕ хъахъхъӕнынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ног бабырсттӕй.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы фатертӕ ӕнӕзакъонӕй бацахсыны цау фыццаг нӕу, уымӕй размӕ ахӕм хуызы хӕдзӕрттӕ самал кодтой Тельманы уынджы ног арӕзтӕдты ӕмӕ Пушкины уынджы корпусы.
Ног хабӕртты лентӕ
0