УФ хъахъхъӕнынады министрад фехъусын кодта диверсантты къорды скуынӕджы тыххӕй Харковы бын

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæӕфсӕддон техникӕ
ӕфсӕддон техникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik. Харковы областы куынӕг ӕрцыд диверсион-разӕсгарӕн къорд, кӕцы уырдӕм ӕрбаппӕрстой Киевӕй территориалон хъахъхъӕнынады 241 бригадӕйы 242-аг батальонӕй.
"Фондз диверсанты куынӕг ӕрцыдысты бынаты, ноджы ма дӕс ӕфсӕддоны та систой уацары", - дзырдӕуы УФ хъахъхъӕнынады министрады хъусинаджы.
Ивгъуыд суткӕ ма Уӕрӕсейы Уӕлдӕфон-Космикон тыхтӕ ныппырх кодтой дыууӕ командон пункты Николаеваг областы, хӕстӕрмӕджыты ӕфтауцдон Северскы, бронетанкон техникӕйы авд иуӕджы Запорожаг областы.
Украинæйаг æфсад. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2022
Украинæйы æртæ къуыримæ скуынæг кодтой 400 фæсарæйнаг æххуырст æфсæддоны
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 247 хӕдтӕхӕджы, 137 вертолеты, 1522 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 354 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4050 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 744 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3145 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4192 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0