Гур куыд фенæм?

Гур куыд фенæм?
Рафыссын
Ацы гурæй-гурмæ, дам, горæт Гурæй цæугæ у. Стæй-ма, зæгъынц, ис дыккаг Гур дæр, раздæр Ахалгур кæй хуыдтой, гъеныр та – Ленингор, уый дæр. Æмæ, дам, иу Гурæй ин­нæмæ æцæгдæр дæрддзæф у.
Сывæллæттæ зыдтой ахæм гуымир хъазт. Егъау лæп­путæй исчи кæстæртæй искæмæн фæстейæ йæ дыууæ хъусы армы тъæпæнтæй тынг балхъивы сæрмæ æмæ йæ сисы хæрдмæ: Гур, дам, дын фенын кæнон. Хъустæ арт уадзынц, судзынц, фæлæ цалынмæ зæгъай, Гур федтон, зæгъгæ, уæдмæ дæ къæхтæ уæлдæфы дзедзлой кæндзысты. О, цæмæй Гур фенай, уый тыххæй бæрзондæй акæсын хъæуы.
Ис-ма иу цымыдисаг дзырд не ʻвзаджы – иугуырæй, зæгъгæ, ома бирæйæ иумæ. Уый вазыгджын дзырд у, йе сконды ис иу æмæ гуыр. Фæлæ ацы гуыр буары хай нæ нысан кæны, уый æндæр гуыр у.
Æвзаджы бирæ диссæгтæ ис, уартæ суанг незаманы дард дугтæм чи æххæссы, ахæм диссæгтæ. Æмæ, чизоны, ацы гурæй-гурмæ дæр уыдонæй у. Абоны онг цы даргъ фæндæгтыл æрхæццæ ис, уыдон нырыккон адæймаджы цæст кæд рæстæгмæ нал æвзары, уæддæр, чи­зоны, зæгъæн ис, гурæй-гурмæ баст кæй нæу, буары хай чи нысан кæны, уыцы гуыр-имæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0