Петербургаг дохтыртӕ ӕнӕаргъӕй басгардзысты ӕмӕ схос кӕндзысты хуссарирыстойнаг сабитӕн

© Sputnik / Наталья АйриянРБМЦ
РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕудзысты Пироговы номыл Санкт-Петербурджы клиникӕйы специалистты къорд. Уыдон уадздзысты ӕнӕаргъӕй химӕрайст РБМЦ сывӕллӕтты поликлиникӕйы бындурыл, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Наниты Сослан.
Дохтырты ӕрцыд нысан у 3 сентябрьмӕ.

"Уыдон уадздзысты ӕнӕаргъ химӕист ӕмӕ уый фӕстӕ хоскӕнынад сӕ клиникаты", - загъта министры х.ӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, специалисттӕ иууылдӕр уыдзысты сывӕллӕтты дохтыртӕ, фӕлӕ уыдонӕй кӕцыдӕртӕн сӕ бон у фенын хистӕр кары адӕмы дӕр.
"Сӕ нымӕцы уыдзӕн специалист сывӕллӕтты къухты патологийы ӕмӕ деформацийы фӕдыл, гуырцӕй рахӕсгӕ ӕмӕ трамвайы фӕстӕ фӕзынгӕ низтӕ. Уыдзӕн ма нейроортопедийы специалист, кӕцы у церебралон паралич, Spina bifida ӕмӕ иумӕйаг патологийы специалист. Афтӕ ма ӕрцӕудзӕн дохтыр-педиатр", - радзырдта Наниты Сослан.
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты петербургаг дохтыртӕ.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2022
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты петербургаг дохтыртӕ. Уыдон РМБЦ пациентты сгарынц ӕнӕаргъӕй
Июны кӕрӕтты ма Цхинвалмӕ фӕуазӕг сты петербургаг клиникаты хызӕг "Скандинавия" ӕмӕ "Скандинавия АВА-ПЕТЕР"-ы травматолог Михаил Агрелкин ӕмӕ нейрохирург Василий Кашин. Уыдон куыстой ам дыууӕ боны дӕргъы ӕмӕ басгӕрстой сӕдӕгай пациентты.
Ног хабӕртты лентӕ
0