https://sputnik-ossetia.com/20220714/khussar-iry-didint-svrdtoy-fidauyngng-tykhty-fsddonty-memorialm-17722725.html
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой фидауынгæнæг тыхты æфсæддонты мемориалмæ
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой фидауынгæнæг тыхты æфсæддонты мемориалмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæджы боны дидинтæ сæвæрдтой мемориалмæ бæстыхайы раз, цы ран 2008 азы онг уыдысты... 14.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-14T12:11+0300
2022-07-14T12:11+0300
2022-07-14T12:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/0e/10858105_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_e6220bf599f6e8a6d430bf4f5660ab73.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæджы боны дидинтæ сæвæрдтой мемориалмæ бæстыхайы раз, цы ран 2008 азы онг уыдысты уæрæсейаг фидауынгæнæг батальоны казармæтæ, кæцытæ ныппырх сты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.Мысæн мадзалы дыккаг хай ацыд Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл стелайы раз. Церемонийы хайад райстой республикæйы æхсæнад æмæ къухдариуæгады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма Уæрæсейы минæварады кусджытæ Марат Кулахметовы сæргълæудæй.Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/0e/10858105_81:0:2812:2048_1920x0_80_0_0_b7d5895cf392fc53eeabd198d73bd8dd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой фидауынгæнæг тыхты æфсæддонты мемориалмæ
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæджы боны дидинтæ сæвæрдтой мемориалмæ бæстыхайы раз, цы ран 2008 азы онг уыдысты уæрæсейаг фидауынгæнæг батальоны казармæтæ, кæцытæ ныппырх сты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.
Мысæн мадзалы дыккаг хай ацыд Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл стелайы раз. Церемонийы хайад райстой республикæйы æхсæнад æмæ къухдариуæгады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма Уæрæсейы минæварады кусджытæ Марат Кулахметовы сæргълæудæй.
Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.
2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.