Цæгат Иры ссардтой цæугæдоны бахауæг сабийы мæрдон буар

© Пресс-служба МЧС РФ по РСО-АЦæгат Иры ссардтой цæугæдоны бахауæг сабийы мæрдон буар
Цæгат Иры ссардтой цæугæдоны бахауæг сабийы мæрдон буар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ссардтой сабийы мæрдон буар 500 метры дарддæр йæ ахауыны бынатæй Фыййагдоны цæугæдоны. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Сывæллоны агурын райдыдтой æртыццæджы Алагиры районы.
Фæмардуæвæг сабийы ныййарджытимæ кусынц уагдоны психологтæ.
Агурынмæ æрбаздахтой Уæрæсейы УУМ æмæ Республикон агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы кусджыты, афтæ ма бархионты.
Ног хабӕртты лентӕ
0