Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры ссардта фӕмардуӕвӕг фидауынгӕнджыты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Ада БагианМарат Кулахметов. Архивон къам.
Марат Кулахметов. Архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов ссардта гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕйы фӕмардуӕвӕг фидауынгӕнджыты рухс нӕттӕ.
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон - 30 азы размӕ ӕмхӕццӕ тыхтӕ баконд ӕрцыдысты республикӕмӕ Сочийы бадзырды бындурыл.
"Сабырад хъахъхъӕнын 16 азы дӕргъы - уый у серьезон ӕмгъуыд. Уӕрӕсе кӕддӕриддӕр у рӕстдзинады фарс, ӕдыхдӕр ӕмӕ ӕфхӕрддӕр адӕмы фарс", - загъта минӕвар фидауынгӕнджыты цыртмӕ дидинджытӕ ӕвӕрыны церемонийы.
Марат Кулахметов августы хӕсты рӕстӕджы командӕ кодта фидауынгӕнӕг тыхтӕн ӕмӕ фӕцӕф ис.
Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.
2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0