Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта иу мины онг украинæйаг æфсæддоны – Хъахъхъæнынады министрад

© AP Photo / Evgeniy MaloletkaУкраинæйаг æфсæддонтæ
Украинæйаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Иттæг дырыс цæфтæй ДАР æмæ Николаевы областы скуынæг кодтой иу мин украинæйаг æфсæддоны æмæ хæцæнгарз æмæ хæстон техникæйы 100 иуæджы. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Иттæг дырыс цæфтæй Донецкы Адæмон Республикæйы цæрæн пункттæ Константиновка æмæ Краматорскы, афтæ ма Николаевы областы Березнеговатое районы скуынæг кодтой 35-æм бригадæйы, 54-æм механизацигонд бригадæйы, 81-æм аэромобилон бригадæйы æмæ территориалон хъахъхъæнынады 109-æм бригадæйы дислокацийы бынæттæ. Уый фæстиуæгæн знаг фесæфта иу мин æфсæддоны онг æмæ хæцæнгарз æмæ хæстон техникæйы 100 иуæджы", - загътой уагдоны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 249 хӕдтӕхӕджы, 137 вертолеты, 1534 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 354 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4050 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 744 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3145 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4292 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0