Дыгъуызты Зæринæ бахызт фæссоветон тыгъдады бæстæты æвзонг лидерты топ-3 номхыгъдмæ

© FacebookДыгъуызты Зæринæ
Дыгъуызты Зæринæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Ростуризмы разамонæг Дыгъуызты Зæринæ бацахста æртыккаг бынат фæссоветон тыгъдады бæстæты æвзонг лидерты рейтингы, хъусын кæны РИА Новости рейтингыл æцойгæнгæйæ, кæцы сарæзтой Уæрæсейы ФХМ МГИМО (У), Паддзахадон Думæ æмæ ХПÆ бæстæты Институт.
Рейтынгы нысаниуæг – сбæрæг кæнын æвзонг перспективон политикты æмæ сцайдагъ кæнын семæ æмгуыстад. Номхыгъды аразыны рæстæджы аргъ кодтой паддзахадон хорзæхтæн, æхсæнадæмон контактты æмвæзадæн, политикон перспективæтæн æмæ службæйон сгуытдзинæдтæн.
Рейтингы сæргъ слæууыд Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба, дыккаг бынатыл – Паддзахадон Думæйы вице-спикер Борис Чернышов.
Хуссар Ирыстонæй рацæугæ Дыгъуызты Зæринæ каст фæцис МГИМО-йы æхсæнадæмон журналистикæйы факультет, куыста Уæрæсейы хицауады пресс-службæ æмæ информацийы департаменты, афтæ ма УФ президенты æхсæнадон бастдзинæдтæ æмæ коммуникациты фæдыл дæлхайады.
Дыгъуызты Зæринæ слæууыд Ростуризмы сæргъ 2019 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0