Ирыстоны цы кавказаг фыранктæ ауадзой, уыдонмæ сæ хъус дардзысты 10 фотоахсæны

© WWF РоссииКавказаг фыранк
Кавказаг фыранк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Уæрæсейы WWF сæргълæууæг Дмитрий Горшков радзырдта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны хъæддаг æрдзмæ цы фыранктæ фæнд кæнынц ауадзын, уыдонмæ сæ цæст дардзысты дæс фотоахсæны руаджы, хъусын кæны РИА Новости.
Раздæр куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны 16 июлы хъæддаг æрдзмæ хъуамæ ауадзой æртæ раззагазион фыранкы: Лео, Хоста æмæ Лаурайы. Ауадзыны размæ сæ алкæцыйыл дæр скæндзысты GPS.

"Тагъд уæрæсейаг Кавказы уыдзæн 13 фыранкы - Цæгат Иры ма ауадздзысты дыууæ сыл æмæ иу нæл гæдыйы. Хъæддаг æрдзы æппæтдунейон фонд рахицæн кодта иу милуан сомы цæрæгойты ауадзын сорганизаци кæнынæн æмæ ацы регионы уæлæмхас мониторингы фæрæзтæн. Мах балхæдтам дæс фотоахсæны, кæцытæ ныридæгæн æвæрд æрцыдысты ауадзыны районы", - банысан кодта Горшков.

Уый бамбарын кодта, камерæтæ сывæрыны бынæттæ кæй равзæрстой, раздæр цы фыранктæ ауагътой, уыдон маршрутæн анализ аразгæйæ. Специалисттæ сбæрæг кодтой уыдонæн сæ уарзондæр бынæттæ æмæ уым сæвæрдтой сæ фотоахсæнтæ.
Кавказаг стай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2021
Удæгас у: Цæгат Ирыстоны ссардтой кавказаг стай Батразы
Ног хабӕртты лентӕ
0