Пуристты тохы сæр: æвзаджы сыгъдæгдзинад

Пуристты тохы сæр: æвзаджы сыгъдæгдзинад
Рафыссын
Æвзаджы æппæт дзырдтæ ничи зоны æмæ сын уæд карзæй тæрхон кæнын дæр зын у. Дзырдуат æппынæдзух ивгæ кæны, æмæ дзы абон фæзыны, знон дзы чи нæма уыд, ахæм ног дзырдтæ.
Бирæ ис ахæм цаутæ: дзырд зонынц Ирыстоны алы къуымты, фæлæ йæ мыхуырмæ нæ уадзæм, нæ нæ хъæуы. Зæгъæм: сапъаздат кæнын, участниктæ, пропуск, двадцытт къапекк, сорок лæджы, хахуы, симинди æмæ бирæ æндæр ахæм цыдæртæ. Фæлæ сæ уыимæ иумæ кæмдæрты дзурынц æмæ ууыл дæр сæттын хъæуы. Афтæ у æвзаджы цард, иу paн нæ лæууы, æппынæдзух дзы цæуынц бирæ алыгъуызон процесстæ. Æппæт уыцы процесты руаджы, боныфæстагмæ, рæзы æмæ уæвынад кæны нацийы иумæйаг æвзаг, рæзы литературон æвзаг.
Цæвиттон, нæ фыдæлтæ дзырдтой, зæгъæм мадæлтæ, фыдæлтæ, æмæ гъеныр та уыдон бæсты арæхдæр дзурынц мæдтæ, фыдтæ. Пуристтæ, æвзаджы сыгъдæгдзинады сæрыл тохгæнджытæ, суанг хылмæ дæр æрцæуынц: "Нæй мæдтæ æмæ фыдтæ дзурæн, афтæ раст нæу, нæ фыдæлтæ..."
Æвзагæн къутуйы бын дарæн нæй, стæй "стерилон" сыгъдæг æвзаг дæр нæ вæййы. Иугæр адæм дзурын райдыдтой мæдтæ, фыдтæ, уæд пуристтæ цасфæнды "рæстагон" тох куы кæной, уæддæр адæмы нæ басæтдзысты. Æндæр æвзæгты дæр афтæ вæййы.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0