Путин снысан кодта Мантуровы вице-премьерæй æмæ систа Рогозины Роскосмосы хистæры бынатæй

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин снысан кодта Денис Мантуровы вице-премьерæй, хъусын кæны РИА Новости.
"Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы 83-æм статьяйы пункт "д"-мæ гæсгæ снысан кæнын Мантуров Денис Валентины фырты Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдары хæдивæгæй – Уæрæсейы Федерацийы сæудæджерад æмæ базарады министрæй", - дзырдæуы документы, кæцы мыхуыргонд æрцыд Кремлы сайтыл.
Æмрæстæджы Путин ссæрибар кодта "Роскосмос"-ы генералон директоры бынатæй Дмитрий Рогозины. Рогозин уыд "Роскосмос"-ы разамонæг цыппар азæй фылдæр – 2018 азы майæ фæстæмæ. Паддзахадон корпорацийы ног сæргълæууæг ссис раздæры вице-премьер Юрий Борисов.
Ноджы ма иу барамындæй Путин бахаста ивындзинæдтæ хицауады структурæмæ – вице-премьертæ ногæй сты дæс. Цалдæр боны размæ президент фæфылдæр кодта сæ нымæцы 11 онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0