Цхинвалы администрацийы кусджытӕн президент базонгӕ кодта сӕ ног сӕргълӕууӕджы

© SputnikЦхинвалы администрацийы кусджытӕн базонгӕ кодтой сӕ ног сӕргълӕууӕджы
Цхинвалы администрацийы кусджытӕн базонгӕ кодтой сӕ ног сӕргълӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан базонгӕ кодта Цхинвалы администрацийы кусджытӕн ног мэры - Кацты Генойы.
Йӕ снысан кӕныны фӕдыл барамынд бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бафыста 12 июлӕй.

"Сымахӕн ис ног къухдариуӕггӕнӕг. Разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивындзинӕдтӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ куыст. Ныфс мӕ ис, администрацийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ коллективы архайд кӕй уыдзӕн здӕхт ӕрмӕстдӕр горӕты цӕрджыты хӕрзӕбонмӕ", - загъта Гаглойты Алан.

Уый бафтыдта, хицауад йӕ ных кӕй сарӕзта фӕстиуӕгджын куысмтӕ, кӕцыйӕн аргъгӕнӕг уыдзысты адӕм.
"Мӕхирдыгӕй ӕх кӕддӕриддӕр цӕттӕ дӕн диалог ӕмӕ ӕххуысмӕ", - бафтыдта президент.
Кацты Гено йӕ раныхасы банысан кодта, кӕй сараздзӕн ӕппӕт дӕр, цӕмӕй цӕсгомджынӕй ӕххӕст цӕуой уагдоны раз ӕвӕрд хӕстӕ.
"Нӕ куыст уыдзӕн фӕстиуӕгджын, лӕггад кӕндзыстӕм адӕмӕн. Фӕнды мӕ зӕгъын, нырӕй фӕстӕмӕ ам гӕртӕмттӕ кӕй нал уыдзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн прокуратурӕ. Сӕйраджыдӕр, адӕммӕ хъуамӕ уа хӕлар ӕмӕ фӕлмӕн ахаст, ацы уӕззау рӕстӕджы уый ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у", - банысан кодта администрацийы ног сӕргълӕууӕг.
Цхинвалы мэрӕй 2017 азӕй фӕстӕмӕ куыста Коцты Алан. Уый отставкӕйы ацыд 24 июны.
Кацты Гено у нывгӕнӕг ӕмӕ политик. Уый цыд президентон ӕвзӕрстытӕм 2011 ӕмӕ 2022 азы, фӕлӕ йӕ дыууӕ хатт дӕр Централон ӕвзарӕн къамис не срегистраци кодта.
Ног хабӕртты лентӕ
0