https://sputnik-ossetia.com/20220718/akhkhuys-ama-tsyrt-khussar-iry-delegatsi-fauazag-is-luganskma-17780767.html
Ӕххуыс ӕмӕ цырт: Хуссар Иры делегаци фӕуазӕг ис Луганскмӕ
Ӕххуыс ӕмӕ цырт: Хуссар Иры делегаци фӕуазӕг ис Луганскмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ фӕхӕццӕ кодтой Луганскы адӕмон республикӕмӕ гуманитарон ӕххуыс ӕмӕ 2014 азӕй фӕстӕмӕ сӕ... 18.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-18T17:29+0300
2022-07-18T17:29+0300
2022-07-19T09:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/12/17782943_0:489:960:1029_1920x0_80_0_0_1f0478f7f4d5aa6257dfa3a5cd731ba2.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ фӕхӕццӕ кодтой Луганскы адӕмон республикӕмӕ гуманитарон ӕххуыс ӕмӕ 2014 азӕй фӕстӕмӕ сӕ республикӕйы территорийыл чы бабын ис, уыдон номарӕн цырт.Сӕ мисси сӕххӕст кӕнынӕн сын баххуыс кодтой республикӕйы разамынд ӕмӕ ЛАР бӕрнон кусджытӕ."Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан нӕ фарсмӕ балӕууыд ӕмӕ гуманитарон ӕххуысы гуырахст фӕхуыздӕр кодта. Уым нӕ тынг хорз райстой, ӕмбӕлдысты ныл сӕ республикӕйы прокуратурайы минӕвӕрттӕ. Ацы уагдон уал рӕстӕгмӕ ӕрфысым кодта цырты", - бафтыдта уый.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цырт ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн мемориалон комплексы территорийыл, цы ран сӕнусон кӕндзысты 2014 азӕй фӕстӕмӕ чи бабын ис, уыдон рухс нӕмттӕ.Ӕнгӕс цырт Хуссар Ирыстон балӕвар кодтой Донецкы адӕмон республикӕйӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/12/17782943_0:399:960:1119_1920x0_80_0_0_f77be994aced6591f85c9ffd951c86b4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Ӕххуыс ӕмӕ цырт: Хуссар Иры делегаци фӕуазӕг ис Луганскмӕ
17:29 18.07.2022 (Ранӕуӕггонд: 09:13 19.07.2022) ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ фӕхӕццӕ кодтой Луганскы адӕмон республикӕмӕ гуманитарон ӕххуыс ӕмӕ 2014 азӕй фӕстӕмӕ сӕ республикӕйы территорийыл чы бабын ис, уыдон номарӕн цырт.
"Нӕ ныццыды сӕйраг нысан уыд фӕхӕццӕ кӕнын цырт, кӕцы нывонд у ЛАР зынгхуыст хъайтартӕн. Йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ метры, йӕ фӕтӕн - иу метр. Уый цӕттӕ у ныр дыккаг аз, фӕлӕ пандеми ныффӕстиад кодта сӕвӕрд", - радзырдта Sputnik фӕцӕфуӕджыты комитеты хистӕр Плиты Мӕдинӕ.
Сӕ мисси сӕххӕст кӕнынӕн сын баххуыс кодтой республикӕйы разамынд ӕмӕ ЛАР бӕрнон кусджытӕ.
"Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан нӕ фарсмӕ балӕууыд ӕмӕ гуманитарон ӕххуысы гуырахст фӕхуыздӕр кодта. Уым нӕ тынг хорз райстой, ӕмбӕлдысты ныл сӕ республикӕйы прокуратурайы минӕвӕрттӕ. Ацы уагдон уал рӕстӕгмӕ ӕрфысым кодта цырты", - бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цырт ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн мемориалон комплексы территорийыл, цы ран сӕнусон кӕндзысты 2014 азӕй фӕстӕмӕ чи бабын ис, уыдон рухс нӕмттӕ.
Ӕнгӕс цырт Хуссар Ирыстон балӕвар кодтой Донецкы адӕмон республикӕйӕн.