Ирон æвзаджы дзырдты равзæрды историйыл чысыл афæлгæст

Ирон æвзаджы дзырдты равзæрды историйыл чысыл афæлгæст
Рафыссын
Дунейыл цыдæриддæр æвзæгтæ ис, уыцы æвзæгты дзырдуатон скондæн вæййы вазыгджын æмæ цымыдисон фæндаг. Ныртæккæ ирон адæм цы дзырдтæй пайда кæнынц, уыдон сты æндæр æмæ æндæр дуджы фæзынгæ, ирон адæмы царды алыхуызон уавæртæ æмæ цардæвдисæг.
Дзырдуатон сконд æххæстæй равдисы æвзаджы алыхуызон ивындзинæдтæ адæмы монон, экономикон æмæ культурæйы рæзты фæндæгтæ. Нырыккон ирон æвзаджы цы дзырдтæй пайда кæнæм, уыдон нæм æрхæццæ сты фыдæлтыккон рæстæджытæй æмæ дих кæнынц цалдæр периодыл.
Уыцы периодтæ сты индоевропейаг, арийаг, ирайнаг, скифо-сæрмæттаг, алайнаг æмæ ирæтты период. Ацы периодтæ куы зонæм, уæд æй æнцондæрæй сбæрæг кæндзыстæм? кæд фæзындысты ирæттæ куыд этнос, афтæ ма, не ᾿взаг йæ равзæрдæй фæстæмæ цы ивындзинæдтæ баййæфта, уый.
Уыцы дзырдтæ сæхæдæг дæр алыхуызæттæ сты. Иутæ нæм нæ рагфыдæлтæй æрбахаудтой, иннæтæ та сты æрбайсгæ æмæ уымæ гæсгæ дих кæнынц дыууæ стыр къордыл.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0