Хуссар Иры бахастой ивындзинæдтæ сабийы райгуырдæн фиддонты фæдыл барамындмæ

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæÆхцайы фæрæзтæ
Æхцайы фæрæзтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивындзинæдтæ бахастой президенты барамындмæ "Сабийы райгуырдæн иухаттон фиддоны бæрц снысан кæныны фæдыл". Æмбæлон барамынд бафыста къуырисæры республикæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан.
Ивындзинæдтæм гæсгæ, хæрдзты финанскæнынад æххæст цæудзæн республикæйы паддзахадон бюджетæй, фæдзæхст гоймæгтæн та – Хуссар Ирыстоны Социалон фонды бюджеты фæрæзтæй.
Уый размæ финанскæнынад цыд æрмæстдæр паддзахадон бюджеты фæрæзтæй.
2018 азы 1 январæй сабийы райгуырды рæстæджы иухаттон фиддоны бæрц республикæйы у 10 мин сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0