https://sputnik-ossetia.com/20220720/khussar-iry-tsayuadzdzyta-ambyrd-kanynts-khomag-khakhkhon-khauty-tsur-17800863.html
Хуссар Иры цайуадздзытӕ ӕмбырд кӕнынц хомӕг хӕххон хъӕуты цур
Хуссар Иры цайуадздзытӕ ӕмбырд кӕнынц хомӕг хӕххон хъӕуты цур
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны "Iron caj"-йы рауагъдады кусджытӕн ӕркодта хомӕг ӕмбырдгӕнӕн рӕстӕг. Ныридӕгӕн иван-чай кӕрдӕг Зары... 20.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-20T10:37+0300
2022-07-20T10:37+0300
2022-07-20T10:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/484/18/4841894_0:270:5184:3186_1920x0_80_0_0_f6089f18efb2750418d9d23e2cd526d4.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны "Iron caj"-йы рауагъдады кусджытӕн ӕркодта хомӕг ӕмбырдгӕнӕн рӕстӕг. Ныридӕгӕн иван-чай кӕрдӕг Зары быдырты ӕмбырд кӕнынц амалиуӕггӕнджытӕ Абайты Алан ӕмӕ Медойты Алан.Амалиуӕгад "Dyuuӕ Alany" систы ӕртыккаг амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ бавнӕлдтой бынӕттон хомӕгӕй цай аразынмӕ. Сӕ размӕ ахӕм фӕлварӕн уыд Зӕгъойты Батрадз ӕмӕ Уалыты Нинайӕн.Уыдон ӕмбырд кӕнынц ӕрмӕст иван-чайы кӕрдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ нымайынц иууыл пайдаджындӕрыл."Ацы кӕрдӕг гӕнӕн ис нуазын бирӕ ӕмӕ ницы зиан хӕссы. Аннӕтӕй чи ӕлхъывдад бӕрзонд кӕны, чи та ныллӕг. Иван-чай ис Зары кӕмтты, Хозы хъӕумӕ хӕстӕг, Ерманы, бирӕ рӕтты зайы" ,- бафтыдта уый.Лӕппутӕ фыццаг хатт цайы кӕрдӕг Иван-чайимӕ базонгӕ сты фондз азы размӕ. Фӕлӕ хуымӕтӕджы хусӕй, ӕмӕ уадиссаг зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ уыд, цалынмӕ йӕ ферментаци сахуыр кодтой. Сыфтӕр тӕвды хъӕуы сфӕлмӕн кӕнын, стӕй сыздухын. Йӕ дидинджытӕ та ӕмбырд ӕмӕ рацарӕзт цӕуынц хицӕнӕй. Ацы процесс арӕзт цӕуы ифтонгадыл. Уый фӕстӕ райдайы ферментаци.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/484/18/4841894_288:0:4896:3456_1920x0_80_0_0_c193631dd1c135b1d2e3064bc4d2b716.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры цайуадздзытӕ ӕмбырд кӕнынц хомӕг хӕххон хъӕуты цур
ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны "Iron caj"-йы рауагъдады кусджытӕн ӕркодта хомӕг ӕмбырдгӕнӕн рӕстӕг. Ныридӕгӕн иван-чай кӕрдӕг Зары быдырты ӕмбырд кӕнынц амалиуӕггӕнджытӕ Абайты Алан ӕмӕ Медойты Алан.
Амалиуӕгад "Dyuuӕ Alany" систы ӕртыккаг амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ бавнӕлдтой бынӕттон хомӕгӕй цай аразынмӕ. Сӕ размӕ ахӕм фӕлварӕн уыд Зӕгъойты Батрадз ӕмӕ Уалыты Нинайӕн.
"Куыстӕй райстам отпуск ӕмӕ улӕфт бонтӕ ӕрвитӕм иван-чайы быдырты цайы рауагъдадӕн хомӕг ӕмбырдгӕнгӕйӕ. Нырма нӕ амалиуӕгдары фӕллой кӕнӕм ӕрмӕст нӕхӕдӕг, рауӕрӕх кӕнын хъавӕм, уӕд нӕ ӕххуысгӕнджытӕ бахъӕудзӕн",- загъта Абайты Алан.
Уыдон ӕмбырд кӕнынц ӕрмӕст иван-чайы кӕрдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ нымайынц иууыл пайдаджындӕрыл.
"Ацы кӕрдӕг гӕнӕн ис нуазын бирӕ ӕмӕ ницы зиан хӕссы. Аннӕтӕй чи ӕлхъывдад бӕрзонд кӕны, чи та ныллӕг. Иван-чай ис Зары кӕмтты, Хозы хъӕумӕ хӕстӕг, Ерманы, бирӕ рӕтты зайы" ,- бафтыдта уый.
Лӕппутӕ фыццаг хатт цайы кӕрдӕг Иван-чайимӕ базонгӕ сты фондз азы размӕ. Фӕлӕ хуымӕтӕджы хусӕй, ӕмӕ уадиссаг зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ уыд, цалынмӕ йӕ ферментаци сахуыр кодтой. Сыфтӕр тӕвды хъӕуы сфӕлмӕн кӕнын, стӕй сыздухын. Йӕ дидинджытӕ та ӕмбырд ӕмӕ рацарӕзт цӕуынц хицӕнӕй. Ацы процесс арӕзт цӕуы ифтонгадыл. Уый фӕстӕ райдайы ферментаци.