Хуссар Иры паддзахадон оркестр "Айзӕлд" райста дарӕс ӕмӕ музыкалон ифтонгад

© Архивное фото"Айзӕлд" оркестр
Айзӕлд оркестр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны адӕмон инструментты паддзахадон оркестр "Айзӕлд" райста ӕххуыс культурӕйы министрадӕй. Коллектив бацис музыкалон инструменты хицау ӕмӕ фӕстӕдӕр та коллективӕн хуыд ӕрцӕудзӕн ног дарӕс, фехъусын кодта Sputnik къорды разамонӕг, сгуыхт артисткӕ Уалыты Нина.
"Ног культурӕйы министр йӕ снысаны хӕдфӕстӕ балӕвар кодта электронон рояль",- загъта уый.
Культурӕйы министрады хӕрдзтӕй коллективы ӕппӕт уӕнгтӕн хуыд ӕрцӕудзӕн концертон дарӕс.
"Коллективы ӕппӕт уӕнгтӕн - 30 адӕймагӕн иууылдӕр хуыд ӕрцӕудзысты концертон костюмтӕ. Уыдон сцӕттӕ уыдзысты ӕрмӕст ноябрьмӕ. 26 августы Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады цытӕн концерт уал ралӕудзыстӕм зӕронд дарӕсы",- бафтыдта уый.
Адӕмон инструментты хор ӕмӕ оркестр "Айзӕлд"-ы коллектив ныридӕгӕн ис йӕ размӕцыды къахыл. Оркестры репертуары ис куыд ирон, афтӕ фӕсарӕйнаг авторты уацмыстӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0