https://sputnik-ossetia.com/20220721/tskhinvaly-atsudzn-gobozty-valeriyy-nomyl-vi-turnir-tagd-shakhmtty-17814890.html
Цхинвалы ацæудзæн Гобозты Валерийы номыл VI турнир тагъд шахмæттæй
Цхинвалы ацæудзæн Гобозты Валерийы номыл VI турнир тагъд шахмæттæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны шахмæтты æппæтдунейон бон банысан кæндзысты Гобозты Валерийы номарæн республикон турнирæй. Уый... 21.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-21T11:18+0300
2022-07-21T11:18+0300
2022-07-21T11:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/930/97/9309757_0:187:2000:1312_1920x0_80_0_0_e0367624a680b22db675c8e6a3da834b.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны шахмæтты æппæтдунейон бон банысан кæндзысты Гобозты Валерийы номарæн республикон турнирæй. Уый тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта Хуссар Ирыстоны шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георгий."Ерысты хайад райсыны бар ис алкæмæндæр 18 азæй хистæрдæр кары. Хуыздæр уаид, хайадисæгæн хъазты искæцы кълас куы уаид, уымæн æмæ турниры тыхджын хъазджытæ бирæ уыдзæн", - загъта федерацийы президент.Федерацийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы спорты рæнхъ райсыны размæ нырма хъæуы райсын æрыгæтты æмæ хистæр кары рæнхъытæ, уый фæстæ та – мастермæ кандидаты ном, уый фæстæ та профессионалон нæмттæ.Саулохты Георгий банысан кодта, шахмæттæй спорты мастеры ном æвдисы паддзахады интеллектуалон райрæзты æмвæзад.Саулохты Георгий бафтыдта, зæгъгæ, йæ рагæй фæндыд ауадзын фембæлд Хуссар Ирыстон æмæ РЦИ-Аланийы шахматистты хсæн."Æрæджы ацыд хъазт нæ республикæты командæты хсæн. Махæн баххуыс кодта РЦИ-Аланийы шахмæтты скъола "Белая ладья"-йы сæргълæууæг Брытъиаты Таймураз", - загъта Георгий.Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, Цхинвалы æвзонг шахматисттæ рамбылдтой 12:4 хыгъдæй, хистæртæ та – 7:5 хыгъдæй.Саулохты Георгий бахахх кодта, шахмæттæ ахъаз кæй сты сывæллæтты мысæн, интеллектуалон миниуджыты райрæзтæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/930/97/9309757_0:0:2000:1500_1920x0_80_0_0_e8fb6d5058cdb80113c8d704d8a9eab7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны шахмæтты æппæтдунейон бон банысан кæндзысты Гобозты Валерийы номарæн республикон турнирæй. Уый тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта Хуссар Ирыстоны шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георгий.
"Ерысты хайад райсыны бар ис алкæмæндæр 18 азæй хистæрдæр кары. Хуыздæр уаид, хайадисæгæн хъазты искæцы кълас куы уаид, уымæн æмæ турниры тыхджын хъазджытæ бирæ уыдзæн", - загъта федерацийы президент.
Федерацийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы спорты рæнхъ райсыны размæ нырма хъæуы райсын æрыгæтты æмæ хистæр кары рæнхъытæ, уый фæстæ та – мастермæ кандидаты ном, уый фæстæ та профессионалон нæмттæ.
Саулохты Георгий банысан кодта, шахмæттæй спорты мастеры ном æвдисы паддзахады интеллектуалон райрæзты æмвæзад.
"Кæд бæстæйы ис мастертæ æмæ гроссмейстертæ, уæд уый æвдисы интеллекты райрæзт ацы бæстæйы. Ацы нæмттæ райсын тынг зын у. Фæстаг азты мах размæ ацыдыстæм 2015 азмæ абаргæйæ, Федераци куы сарæзтам, уæд. Фыццаг чемпионатмæ æрæмбырд кодтам æрмæстдæр дæс адæймаджы, ныр та шахматтисты нымæц зынгæ фæфылдæр", - радзырдта уый.
Саулохты Георгий бафтыдта, зæгъгæ, йæ рагæй фæндыд ауадзын фембæлд Хуссар Ирыстон æмæ РЦИ-Аланийы шахматистты хсæн.
"Æрæджы ацыд хъазт нæ республикæты командæты хсæн. Махæн баххуыс кодта РЦИ-Аланийы шахмæтты скъола "Белая ладья"-йы сæргълæууæг Брытъиаты Таймураз", - загъта Георгий.
Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, Цхинвалы æвзонг шахматисттæ рамбылдтой 12:4 хыгъдæй, хистæртæ та – 7:5 хыгъдæй.
Саулохты Георгий бахахх кодта, шахмæттæ ахъаз кæй сты сывæллæтты мысæн, интеллектуалон миниуджыты райрæзтæн.