Дзауы центры районы хӕрдзтӕй сараздзысты сывӕллӕтты фӕзуат

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзау
Дзау  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районон центры арӕзт ӕрцӕудзӕн сывӕллӕтты фӕзуат, фехъусын кодта Sputnik районы разамонӕг Тыбылты Ванда.
Тыбылты Ванда нысан ӕрцыд районы хистӕрӕй иу мӕйы размӕ.
"Дзауы поселочы тӕккӕ центры арӕзт ӕрцӕудзӕн сывӕллӕтты фӕзуат районы тыхтӕй. Поселочы сывӕллӕттӕн иу улӕфӕн къуым дӕр никуы ис", - загъта Тыбылтӕ Ванда.
Уый ма бафиппайдта, уыимӕ иумӕ центры цы тренажертӕ ис, уыдон хъӕуы фӕсфӕд ахӕссын.
"Тренажертӕ та ӕвӕрд ӕрцӕудзысты стадионы цур", - бафтыдта уый.
Уый ма банысан кодта фыццаг рады аразинӕгтӕ, сӕ нымӕцы центры хӕрзарӕзтад ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуӕгджытӕ аиуварс кӕнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0