Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ басгарстой хыгъды лæууæг бинонты цæрыны уавæртæ

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæСаби
Саби - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады кусджытæ генералон æмæ Цхинвалы прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ басгарстой бинонты цæрыны уавæртæ, кæцытæ лæууынц инспекторты хыгъды.
"Барадхъахъхъæнджытæ бабæрæг кодтой Тедеты бинонты – мады 12-аздзыд лæппуимæ, кæцытæ цæрынц æвзæр уавæрты. Хæдзар ис кæлæтдзаг уавæры, нæ кусы канализаци. Коммуналон лæггæдтæн нæ бафидыны тыххæй хæдзары ахицæн кодтой электроэнерги", - фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы.
Ахæм уавæрты цæрынц Дудайты бинонтæ дæр, кæцытæ цæрынц чысыл хатæны текстилон фабрикæйы раздæры æмдзæрæндоны. Æвзонг сылгоймаг иунæгæй хъомыл кæны дыууæ чысыл сабийы, афтæ ма уымæн дæр нæй куысты бынат æмæ цæры паддзахад æмæ хуымæтæг адæмы æххуысы фæрцы. Дудайты чызгæн куысты бынат уымæн нæй, æмæ сылгоймагæн сывæллæтты ныууадзæн никæимæ. Уый æрцыд Цхинвалмæ Бихъары хъæуæй 8 азы размæ – горæты йын регистраци кæй нæй, уый фæдыл йын нæ рауад бадæттын документтæ цæрæнуат райсынмæ.
Барадхъахъхъæнджытæ дзырд радтой, æнæмæнгхъæугæ юридикон æххуыс бакæнын дыууæ сылгоймагæн дæр. Афтæ ма инспектортæ бакодтой сывæллæтты сæрдыгон лагерьмæ.
Ныртæккæ прокуратурæйы минæвæрттæ скъуыддзаг кæнынц фарст, цæмæй сног кæной электроэнерги Тедеты бинонты хæдзары.
Ног хабӕртты лентӕ
0