Цхинвалы ацыд Плиты мыггаджы советы бындурӕвӕрды уанел

© Sputnik / Максим Авдеев /  Ахизын медиабанкмæРукъ
Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд Плиты мыггаджы советы сӕвзӕрды фӕдыл уанел. Ирыстоны стырдӕр мыггӕгтӕй иу - Плитӕ сӕ баиугӕнды хӕсты хсӕн сфидар кодтой ӕнусон мӕсгуыты сӕндидзын кӕнынын, ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕвзаг бахъахъхъӕнын, хӕрзаудӕн архайд ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Мыггаджы советы кадджын хистӕрӕй ӕвзӕрст ӕрцыд ирон литературӕйы профессор, ХИПУ-йы ахуыргӕнӕг, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традициты дӕсны зонӕг Плиты Гацыр. Уый йӕ кар ӕмӕ ӕнӕниздзинад хынцӕгӕйӕ кӕй нӕ разы кодта йӕхимӕ бар райсынмӕ, уый тыххӕй йын ӕххуысгӕнӕгӕй сӕвӕрдтой Днестыргӕрон республикӕйы минӕвар Плиты Аланы.
Уымӕй дарддӕр ма советы скондмӕ раразмӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны Плиты мыггаг цы хъӕуты цӕрынц, уыдоны минӕвӕрттӕ.
Плиты мыггаджы совет ӕрӕджы сарӕзтой Цӕгат Ирыстоны, уым йын радтой регионалон организацийы статус. Уыдоны минӕвӕрттӕ Хуссар Иры Плиты мыггаджы советы уӕнгтимӕ иумӕ фӕнд кӕнынц фыццаг къахдзӕфты нымӕцы сӕндидзын кӕнын Плиты мыггаджы мӕсгуытӕй иу Ручъы.
"Кӕцыдӕртӕ дзы ӕрцыдсты раууатмӕ, фӕлӕ Ручъы скъоламӕ хӕстӕг цы мӕсыг ис, уымӕн саразӕн ис. Мах ныхас кодта аразджытимӕ, бынӕттон цӕрӕг Плиты Вадим нын бацамыдта йӕ дур кӕцӕй ист цыд, уыцы бынат. Хъӕуы нӕ райсын культурӕйы министрады разыдзинад ӕмӕ куыстмӕ бавналын. Нӕ фарсмӕ балӕудзысты нӕ цӕгаттаг ӕфсымӕрты дӕр", - загъта Плиты Алан.
Уый ма бафиппайдта, фӕстӕдӕр хъусдард аздахдзысты Советон цӕдисы дыууӕ хатты хъайтар Плиты Иссӕйы фыдӕлты хӕдзармӕ дӕр, уымӕй хъӕуы скӕнын хӕдзар - музей.
Фембӕлды рӕстӕджы ма банысангонд ӕрцыд, мыггаджы советы бындурӕвӕрды агъоммӕ Плиты мыггаджы минӕвӕрттӕ цалдӕр хатт гуманитарон миссиимӕ бабӕрӕг кодтой ирон хӕстонты, кӕцытӕ архайынц Уӕрӕсейы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы
Ног хабӕртты лентӕ
0