https://sputnik-ossetia.com/20220725/khuytsauy-rt-khorzkhy-adymagn-17816915.html
Хуыцауы æртæ хорзæхы адæймагæн
Хуыцауы æртæ хорзæхы адæймагæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Нæ фыдæлты хъуыдымæ, гæсгæ Иунæг Стыр Хуыцау адæймагæн радты æртæ хорзæхы: йæ райгуырæн бон, йæ амонд куы ссары æмæ стæй цы фæд ныууадзы, дунейæ куы ахицæн... 25.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-25T14:48+0300
2022-07-25T14:48+0300
2022-07-25T14:48+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/15/17816761_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_f39ed9b4ff2c6abe5256f6b5508328a5.png
Хуыцауы æртæ хорзæхы адæймагæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыцауы æртæ хорзæхы адæймагæн
Нæ фыдæлты хъуыдымæ, гæсгæ Иунæг Стыр Хуыцау адæймагæн радты æртæ хорзæхы: йæ райгуырæн бон, йæ амонд куы ссары æмæ стæй цы фæд ныууадзы, дунейæ куы ахицæн вæййы, уæд. Сывæллон æнæсахъат æмæ æнæнизæй куы райгуыры, мад æмæ йын фыд куы уа, афтæмæй куы схъомыл уа, уæд амондджыныл нымад у.Амонд ссарыны бон афоныл хъæуы лыг кæнын, æнæ цардæмбал бадын бирæ раст хъуыддагыл нымад нæ цæуы. Иннæрдыгæй та йæ талф-тулфæй аразын дæр нæ хъæуы. Афтæ ма нæлгоймаг хъуамæ дара йæ бинонты, хæдзары цæджындз уа.Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой, хорз адæймаг уыдтæ æви æвзæр, уый бæрæг уыдзæн дæ амæлæты бон, зæгъгæ. Адæймаг хъуамæ дзæгъæлы ма фæцæра, хъуамæ йæ фæстæ исты хордзинад ныууадза бинонтæн, мыггагæн, сыхбæстæн æмæ ирон адæмæн. Ахæм адæймаг куы амæлы, уæддæр йæ адæмы астæу баззайы мыггагмæ йæ ном æмæ йæ кад.Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/15/17816761_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_4b273190f6d96e9ebed57b451e51fc76.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Нæ фыдæлты хъуыдымæ, гæсгæ Иунæг Стыр Хуыцау адæймагæн радты æртæ хорзæхы: йæ райгуырæн бон, йæ амонд куы ссары æмæ стæй цы фæд ныууадзы, дунейæ куы ахицæн вæййы, уæд. Сывæллон æнæсахъат æмæ æнæнизæй куы райгуыры, мад æмæ йын фыд куы уа, афтæмæй куы схъомыл уа, уæд амондджыныл нымад у.
Амонд ссарыны бон афоныл хъæуы лыг кæнын, æнæ цардæмбал бадын бирæ раст хъуыддагыл нымад нæ цæуы. Иннæрдыгæй та йæ талф-тулфæй аразын дæр нæ хъæуы. Афтæ ма нæлгоймаг хъуамæ дара йæ бинонты, хæдзары цæджындз уа.
Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой, хорз адæймаг уыдтæ æви æвзæр, уый бæрæг уыдзæн дæ амæлæты бон, зæгъгæ. Адæймаг хъуамæ дзæгъæлы ма фæцæра, хъуамæ йæ фæстæ исты хордзинад ныууадза бинонтæн, мыггагæн, сыхбæстæн æмæ ирон адæмæн. Ахæм адæймаг куы амæлы, уæддæр йæ адæмы астæу баззайы мыггагмæ йæ ном æмæ йæ кад.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.