Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы дыууӕ десантон катеры диверсанттимӕ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæХерсон
Херсон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой дыууӕ катеры украинӕйаг диверсанттимӕ, кӕцытӕ хъавыдысты рахизын Херсоны областы. Уый тыххӕй хъусын кӕны УФ Хъахъхъӕнынады министрад.

"Днепропетровскаг ливаны акваторийы ӕргом ӕрцыд украинӕйаг диверсион къорды бафӕлвӕрд рахизын десантон катертӕй Херсоны областы. Фехсты фӕстиуӕгӕн Украинӕйы Гарзджын тыхты дыууӕ катеры диверсанттимӕ куынӕг ӕрцыдысты", - радзырдтой уагдоны.

Уымӕй дарддӕр ма ДАР цӕрӕн пункт Константиновкайы уӕрӕсейаг авиаци скуынӕг кодта 100-йӕ фылдӕр националисты ӕмӕ фӕсарӕйнаг ӕххуырсты.
Афтӕ ма Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, иу суткæмæ кæй скуынæг кодтой украинæйаг æфсæдты залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы цыппар взводы, Д-20 гаубицаты дыууæ взводы, артиллерон хæцæнгарз "Гвоздика"-йы æртæ взводы æмæ Д-30 хæцæнгарзы аст взводы.
Уæрæсейы æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2022
Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой "Град"-ы цыппар взводы
Ног хабӕртты лентӕ
0