Ирыстоны чындзхасты æгъдауы фæтктæй

Ирыстоны чындзхасты æгъдауы фæтктæй
Рафыссын
Ирон адæммæ алы мадзалæн дæр ис йæхи æгъдау æмæ фæтк. Зымæгон чындзы йæ хæдзарæй куы ракæнынц, уæд хистæртæ хъуамæ зоной, уазалы сæм æнхъæлмæ кæсынц чындзхæсджытæ æмæ хъуамæ кæной цыбыр ныхас.
Лæппуйы хæдзары чындзы бакæнынц фæндырдзæгъдгæ æмæ заргæ хистæрты бадтмæ. Чындз йæ сæрæй æртæ хатты æркувы. Чызджы хæдзарæй цы хуын рарвитынц, уымæй хистæртæ скувынц. Уый фæстæ чындзы бакæнынц хистæр сылгоймæгтæм. Уым дæр чындз бавæры йæ рахиз къах æмæ æртæ хатты сæрæй къонамæ æркувы. Хистæр сылгоймæгтæ фæцин кæнынц чындзыл. Уый фæстæ фæсивæд заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ чындзы бакæнынц йæ уатмæ.
Фынг æвæргæйæ, алы хæринаг дæр æвæрын райдайын хъæуы хистæртæй. Хисртæртæн сæ разы æнæмæнг хъуамæ уа сины хæйттæ, хицæн тæбæгъы та – уæны хай. Уæнмæ кардæй æвналæн нæй. Хъæуы йæ цалдæр сидты фæстæ фыдызгъæлæй фæхицæн кæнын æмæ хистæры раз æрæвæрын.
Куыд кæнынц дарддæр се ᾿гъдау, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0