Хуссар Иры Бехъмары хъӕуы сараздзысты культурӕйы хӕдзар

© архивон къамЗнауыры районы Бехъмары хъæу
Знауыры районы Бехъмары хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Бехъмары хъӕуы бындур ӕрӕвӕрдтой культурӕйы хӕдзары арӕзтадӕн, фехъусын кодта Sputnik районы разамонӕг Гобозты Алан.
"Арӕзтад сцайдагъд ис, къуырийы ӕмгъуыдмӕ ныккалдтой фундамент ӕмӕ райдыдтой систӕ амайын", - загъта уый.
Бӕстыхайӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд хъӕуы центры. Куыстыты райдайӕны агъоммӕ хъӕуы цӕрджыты хсӕн бӕстыхайы бынаты фӕдыл рацыд хъаугъа. Фӕлӕ ныры бынаты йӕ арӕзтад цӕуы къаддӕр аргъыл.
"Дыккаг бынаты сӕ кӕм фӕндыд саразын, уым арӕзтад цыд зынаргъдӕр, йӕ бынат сыгъдӕг кӕнинаг кӕй уыд, уый аххосӕй", - бафтыдта Гобозты Алан.
Районы разамонӕг ма бафиппайдта, хъӕуы цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ ӕмӕ президент Гаглойты Аланы ӕххуысӕй культурӕйы хӕдзаримӕ иу агъуысты бын кӕй самайдзысты спортзал дӕр.
"Арӕзтад дих у дыууӕ этапыл, фыццаг - бӕстыхай агъуысты бын фӕкӕнын - нысан у ацы азмӕ, мидӕггагон куыстытӕ та 2023 азмӕ. Фӕлӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ ацы аз балхынцъ кӕнӕм", - баныфс ӕвӕрдта Гобозы Алан.
Бехъмары культурӕйы хӕдзар ныппырх ис ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты зӕххӕнкъуысты фӕстиуӕгӕн. Уӕдӕй ныры онг хъӕуы фӕсивӕдӕн нӕ уыд хуымӕтӕг уавӕртӕ дӕр сӕ сӕрибар рӕстӕг пайдаджынӕй арвитынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0