Публицистикæ æмæ æндæртыл: Вышинский ауагъта мастер-класс журналисттæн Цхинвалы

© Sputnik / Natalia AiriyanSputnikPro: Кирилл Вышинский
SputnikPro: Кирилл Вышинский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Козаты Диана. Sputnik Хуссар Ирыстоны мультимедийон пресс-центры SputnikPro проекты фæлгæтты ацыд ахуырадон прграммæйы ног модуль ахæм темæйыл: "Публицистикæ традицион æмæ ног медиайы".
Хуссарирыстойнаг ДИФ-ты минæвæрттæн мастер-класс ауагъта медиа къорд "Россия сегодня"-йы æххæстгæнæг директор Кирилл Вышинский. Sputnik пресс-центры фæзуатыл æрæмбырд сты хуссарирыстойнаг ДИФ-ты минæвæрттæ. Фарстытæм, кæцытыл дзырд цыд номдзыд журанлистимæ фембæлды рæстæджы, хаудтой æрмæст ацы темæмæ нæ, фæлæ масс-медиайы æндæр аспекттæм дæр.
© Sputnik / Natalia AiriyanSputnikPro: Кирилл Вышинский
SputnikPro: Кирилл Вышинский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
SputnikPro: Кирилл Вышинский
Вышинский банысан кодта, уæрæсейаг сæрмагонд æфсæддон операци Украинæйы кæй фæивта ДИФ-ты, афтæ ма радзырдта информацион тохыл æмæ уæрæсейаг ДИФ-тыл, кæцытæ хъуамæ æрыздæхой сæ позицитæ Ныгуылæны æмæ Европæйы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, публицистон æрмæг ныффыссыны рæстæджы хъæуы саразын фидар мидæггагон позици, уый фæстæ та бавналын сæ публикацимæ.
Кирилл Вышинский радзырдта куыд фæивта журналистикæ уæрæсейы æфсæддон операцийы райдайæнæй, уый тыххæй.
"Кæцыдæр цаутæ равдисынц, цы ивындзинæдтæ цæуынц. Мах нæуидæр цардыстæм уавæрты, цы ран апарахат фейк. Ныр та ацы мæнгдзинад ссис информацион операциты ахсджиаг æрмæг", - загъта уый.

SputnikPro-йы тыххæй

SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik-ы тыххӕй

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0