Уæрæсейаг авиаци иу суткæмæ скуынæг кодта Украинæйы фæткдаруаты аст пункты

© Sputnik / Кирилл Нортон /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсад
Уæрæсейаг æфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Уæрæсейы хæстон авиаци иу суткæмæ скуынæг кодта украинæйаг фæткдаруаты аст пункты, аст æфтауцы, зенитон-ракетон комплекс "Оса" æмæ америкæйаг радиолокацион станц, фехъусын кодтой дыццæджы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Иу суткæмæ скуынæг кодтой: фæткдаруаты аст пункты, сæ нымæцы 14 механизацигонд бригадæйы Донецкы Адæмон Республикæйы Солы районы, 28 механизацигонд æмæ 79 десантон-штурмон бригадæты Николаевы районы, афтæ ма 61 пехотон бригадæйы Николаевы областы", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Афтæ ма скуынæг кодтой зенитон-ракетон комплекс "ОСА-АКМ" Березнеговатое районы Николаевы областы, америкæйаг радиолокацион станц AN/TPQ-37 Ягодное районы Донецкы Адæмон Республикæйы, ракетон-артиллерион хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты аст æфтауцы Николаевы æмæ Донецкы областты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 260 хӕдтӕхӕджы, 144 вертолеты, 1613 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 358 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4162 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 763 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3201 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4481 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0