Хуссар Иры Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари

© МВД Республики Южная ОсетияХуссар Иры Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари
Хуссар Иры Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрцыд мӕлӕтдзаг авари, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Фӕндагон цау ӕрцыд Дзау-Цхинвалы трассӕйыл Гуфтамӕ хӕстӕг райсом фарст сахатмӕ ӕввахс.
"Хӕдтулгӕ Nissan Tiida шофыр 31-аздзыд сылгоймаг цыд Дзауӕй столицӕмӕ. Уый не сырӕхст скъӕрын, ахауд дӕлбыл ӕмӕ сӕмбӕлд электрохызӕджы цӕджындзыл. Шофыр цӕфтӕй фӕмард бынаты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Сылгоймагимӕ хӕдтулгӕйы уыд йӕ ӕхсӕзаздзыд сывӕллон, уый бакодтой рынчындонмӕ, ныридӕгӕн йӕ цардӕн ницы тас у.
Цауы бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ, уыдон ӕвзарынц ӕнамонд хабары аххосӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0