Хуссар Иры ФХМ схорзæхджын кодта нывгæнæджы, кæцы сарæзта формæйон дарæс дипломаттæн

© Пресс-служба МИД РЮОХуссар Иры ФХМ схорзæхджын кодта нывгæнæджы, кæцы сарæзта формæйон дарæс дипломаттæн
Хуссар Иры ФХМ схорзæхджын кодта нывгæнæджы, кæцы сарæзта формæйон дарæс дипломаттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Дмитрий радта майдан "Æхсæнадæмон æмгуыстадмæ хайбавæрды тыххæй" Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, УФ æмæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы уæнг Пухаты Вадимæн.
Пухаты Вадимæн хорзæх радтой стыр хайбавæрды тыххæй национ аивады райрæзтмæ, æхсæнадæмон культурон бастдзинæдтæ сфидар кæныны тыххæй, афтæ ма республикæйы дипломатон кусджыты формæйон дарæс аразыны активон хайадисты тыххæй.
Министры хæстæ æххæстгæнæг бузныг загъта Пухаты Вадимæн ахæм ахсджиаг проекты хайад райсыны тыххæй.
Пухаты Вадим та бузныг загъта хорзæх æмæ æууæнчы тыххæй, афтæ ма сæрыстыр уыд хайад райсын хуссарирыстойнаг дипломаттæн формæйон дарæс аразыны процессы.
Ног хабӕртты лентӕ
0