Хуссар Иры ссардтой Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Агунда ТабуеваХуссар Иры ссардтой Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik, Табуты Агуындӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты ӕртыццӕджы ссардтой сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ, кӕцытӕ фӕмард сты Донбассы Украинӕйы ӕфсӕддон агрессийы фӕстиуӕгӕн.
Датӕ снысан кодтой Донецкы Адӕмон Республикӕйы сывӕллӕтты мысӕнӕн, кӕцытӕ фӕмард сты 2014 азӕй фӕстӕмӕ украинӕйаг Гарзджын тыхты ӕхстыты фӕстиуӕгӕн. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы хӕстон архӕйдтыты период фӕмард сты 130 сывӕллоны.
Мысӕн мадзал ацыд Цхинвалы Сӕрибардзинады фӕзуатыл. Республикӕйы омбудсмен Цхуырбаты Татьянайы хайадистӕй сабитӕ, кӕцытӕ цӕуынц боны лагерь "Солнышко"-мӕ, суагътой уӕларвмӕ урс тымбылӕгтӕ.
"Мах иттæг хорз зонæм, куыд трагикон у ацы датæ. Хуссар Ирыстон æрбаиу сывæлæтты Донбассы хæстон архæйдтытæм ма бауадзыны фæдыл резолюцимæ", - загъта Цхуырбаты Татьяна.
Мысæн датæйы фæлгæтты Цхуырбаты Татьяна æрбаиу уыдзæн онлайн-конференцимæ, кæцы сорганизаци кодтой, цæмæй сæнусон кæной Донбассы фæмардуæвæг сабиты мысæн. Ацы мадзалы хайад райсдзысты ДАР, ЛАР, Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.
Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты мысæны бон снысан кодтой ДАР сæргълæууæг Денис Пушилины барамындæй 2022 азы 11 июлы. Æрвылаз уый цæудзæн 27 июлы республикæ æмæ хæларадон бæстæты.
Ног хабӕртты лентӕ
0